26-ӕм август нӕ республикӕйы историйы фыст ӕрцыд зӕрин дамгъӕтӕй. Уӕд Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинд банымадта Уӕрӕсе ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ сабырад ӕрцыд нӕ бӕстӕмӕ. Ацы бӕрӕгбоны цытӕн ныридӕгӕн уагъд цӕуынц алыгъуызон мадзӕлттӕ. Банысан ӕй кодтой Знауыры районы дӕр. Бӕрӕгбонон мадзалы хайад райста президент Гаглойты Алан.
Сайт ГТРК «Ир» - gtrkir.ru/
/ 272567203851483
/ @user-zy2ni9bd8j
12 сен 2024