Быдыры кадджын зæд Тæтæртуппы дзуар кæд равзæрд, уый зын зæгъæн у. Иры зæххытыл аланты дуджы æмæ уымæй ноджы раздæр нæ рагфыдæлтæ куы цардысты, хæстæг æм зындгонд сахар Уæллаг Дзлат куы лæууыд, уæддæр Тæтæртуппы ном уыдис кадджын æмæ хъуыстгонд. Нымадтой йæ канд ирæттæ нæ, фæлæ ма сыхаг адæмтæ дæр.
Хъахъхъæдуры равзæрд та баст у, фыццаджыдæр, Дæргъæвсгомы 'мном хъæуæй ралидзгæ мыггæгтимæ.
Æнустæ рацыд, фæлæ абон дæр хъæуы цæрджытæ хъахъхъæнынц фыдæлты 'гъдæуттæ æмæ зæрдиагæй архайынц сæ фыдæлты кадджын дзуар Тæтæртуппы бæрæгбоны.
_________________________
Мы рядом в:
irystontv
irystontv
/ irystontv
irystontv
ok.ru/irystontv
15 сен 2024